Цӕгат Иры ӕвзӕрстыты рӕстӕджы фӕткмӕ сӕ хъус дардзысты полицийы 2,5 мин кусӕджы

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæНашивка на рукаве сотрудника полиции
Нашивка на рукаве сотрудника полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Цӕгат ирыстоны ӕвзӕрстыты рӕстмджы ӕхсӕнадон фӕткмӕ сӕ хъус дардзысты Мидхъуыддӕгты министрады 2500 кусӕджы. Уый тыххӕй 15-ӕм Регионӕн фехъусын кодта регионалон ЦӔК сӕрдар Морготы Жанна.
"Уӕлвӕткон уавӕрты министрады 160 кусӕджы хӕсдзысты радгӕсад ӕвзарӕн фадгуыты ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны нысанӕн. Афтӕ ма ӕхсӕнадон фӕткмӕ та сӕ хъус дардзысты МХМ 2500 минӕвары", - загъта уый.
Банысангонд ма ӕрцыд, республикӕйы ӕвзӕрстон системӕ цӕттӕ кӕй у Хъӕлӕсӕппӕрсты иугонд бон арвитынмӕ.
Уӕрӕсейы 10-11 сентябры ацӕудзысты ӕвзӕрстытӕ регионты закондӕттӕг органтӕм. Цӕгат Ирыстоны уыцы бонты ӕвзардзысты депутатты республикон парламентмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0