"Æцæгæлон" æмæ "Берсеркертæ": Ирон режиссеры фильмтæн стыр аргъ скодтой Мæскуыйы фестивалы

© instagram/spartaklagkuevЛæгкуты Спартак
Лæгкуты Спартак - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Лæгкуты Спартак фæуæлахиз Мæскуыйы X æппæтадæмон кинофестивалы дыууæ номинацийы - "Хуыздæр режиссурæ" æмæ "Хуыздæр регионалон киноныв". Уый тыххæй хъусын кæны Осетия-Ирыстон.
Жюрийы уæнгтæ стыр аргъ скодтой цыбыр киноныв "Æцæгæлон"-æн, цы ран æвдыст цæуы ирон поселок Уыналы хъæздыг истори. "Берсеркертæ" кинонывыл та куыстой афæдз æмæ рдæг. Съемкæтæ цыдысты Цæгат Ирыстоны æппæт районты.
Фæнысан кæнын хъæуы уый æмæ музыкæ йæ кинонывтæм автор ныффыста йæхæдæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0