Форум, цытджын ӕмбырд ӕмӕ концерт - куыд банысан кӕндзӕн ХИПУ йӕ 90-азон юбилей

© SputnikХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бындурӕвӕрды 90-ӕм афӕдзыбон нысан кӕныны фӕлгӕтты Цхинвалы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон форум "Глобалон ивындзинӕдты контексты истори бахъахъхъӕнын", фехъусын кодта ахуыргӕнӕндоны ректор Тедеты Вадим Sputnik пресс-центры.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзалы хайад райсдзысты сӕдӕйӕ фылдӕр ӕвзонг адӕймаджы Уӕрӕсе, Сомих ӕмӕ Абхазӕй.
"Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ ацы аз Цӕгат-Кавказаг федералон университеты (ЦКФУ) бындурӕвӕрдыл ӕххӕст кӕны 10 азы, ХИПУ-йыл та - 90. Мах аскъуыддзаг кодтам ӕрӕмных кӕнын форум уыцы датӕтӕм", - бамбарын кодта Тедеты Вадим.
Уый бафтыдта, хайадисджытӕ кӕй ӕрцӕудзысты республикӕмӕ 22 сентябры, 23 та ацӕудзӕн пленарон рабадт, цы ран раныхас кӕндзӕн президент Гаглойты Алан, афтӕ ма ЦКФУ ӕмӕ ХИПУ ректортӕ. Хайадисджытӕн лекцитӕ кӕсдзысты ацы дыууӕ ӕмӕ ӕндӕр уӕрӕсейан уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты раззагон ахуыргӕндтӕ.
Новый учебный год - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2022
90-азон юбилей, форум æмæ æфсæддон кафедрæ: ХИПУ ректор ног ахуыры азы нывæзты тыххæй
Ректоры хъуыдымӕ гӕсгӕ, форумы фӕрцы фӕарфдӕр уыдзӕн интерес ХИПУ-мӕ УФ ӕмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты ӕндӕр университетты ӕрдыгӕй.
Афтӕ ма ХИПУ бӕрӕгбоны фӕлгӕтты 11 октябры Цхинвалы Паддзахадон драмтеатры ацӕудзӕн цытджын ӕмбырд ӕмӕ концерт.
Ног хабӕртты лентӕ
0