Хуссар Иры Знауыры районы скъуыддзаг кӕнынц донифтонгады проблемӕ

© Photo : Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры Знауыры районы скъуыддзаг кӕнынц донифтонгады проблема
Хуссар Иры Знауыры районы скъуыддзаг кӕнынц донифтонгады проблема - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 сен– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры поселочы скъуыддзаг кӕнынц доны проблемӕ. 2011 азы арӕзт хӕтӕл центр ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутыл не 'ххӕссы, уымӕ гӕсгӕ йӕ хъӕуы рацаразын, фехъусын кодта Sputnik районы разамонӕг Гобозты Алан.
Доны хӕтӕл районон центрмӕ арӕзт ӕрцыд Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты миссийы тыхтӕй.
"Уӕд Бухаурикомӕй центрмӕ рауагътой дон. Донифтонгадӕн ныппӕрстой 160 мм диаметры бӕрц трубӕ. Уый ифтонг кӕны донӕй куыд районы центр, афтӕ ма ӕввахс хъӕутӕ Недлат, Гобозты хъӕу ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕн пункттӕ", - загъта районы хицау.
Гобозты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн уал бантыст доны проблемӕ рӕстӕгмӕ алыг кӕнын, фӕлӕ фарст хъӕуы бӕстонӕй аскъуыддзаг кӕнын.
"Фӕфылдӕр кодтам доны ӕлхъывдад ӕмӕ уӕлӕмхас бассейн сарӕзтам. Ныридӕгӕн дон фаг кӕны. Фӕлӕ донхӕры сезон проблемӕ сног уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ ма баиу кӕндзыстӕм уӕлӕмхас лини", - балхынцъ кодта районы хистӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0