Йæ цардæй ахицæн Беслæны трагедийы амæттæгты цырты автор

© Sputnik / Казбек Басаев /  Ахизын медиабанкмæБеслан
Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Дзаныгаты Зауырбег йæ цардæй ахицæн 67 азы кары. Уый уыд Беслæны амæттæгты цырты автортæй сæ иу, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Дзаныгаты Зауырбег ма уыд Дзæуджыхъæуы Кады мемориалы автортæй сæ иу.
"67 азы кары йæ цардæй ахицæн скульптор Дзаныгаты Зауырбег. Йæ иууыл хъуыстгонддæр куыст у Беслæны амæттæгты мемориалон цырт "Древо скорби", кæцы бацæттæ кодта Корнаты Аланимæ иумæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нывгæнæг æмæ скульптор Дзаныгаты Зауырбег уыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг, Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг. Хорзæхджын у Уæрæсейы аивæдты академийы сызгъæрин майданæй, у Уæрæсейы хицауады премийы лауреат.
Ног хабӕртты лентӕ
0