Паддзæхты таурæгътæ. Мачъидон Алыксан

Паддзæхты таурæгътæ
Рафыссын
Раджыма-раджы, иттæг раджы, цардис мæгуыр æмæ лæппу паддзах. Йæ ном хуындис Мачъидон Алыксан, æмæ йын уыдис æрра нæл байраг. Байраг байрæзти, æмæ йæ саргъ æвæрын афон æрцыдис.
Рæзгæ тынг егъау скодта, стæгджын æмæ уæнгджын иттæг уыдис: йæ бæрзæй домбайы бæрзæйы бæрц фæцыдис, иннæ уырсытæй йæм ничи уæндыдис. Йæ риуыгуыдырæй-иу кæй фæцæф кодта, уый-иу афæлдæхта, æмæ дзы æмризæджы рызтысты. Лæппу-лæгæй, хорз бæхыл бадджытæй йе ’мгæрон ничи уæндыди: кæмæн-иу йæ цонг ахордта, кæмæн-иу йæ хъус атыдта. Афтæмæй йæ уæлæ бадын никæй уагъта.
Паддзах бирæтæм фæсидтис — хуыздæр æмæ хуыздæр барджытæм, фæлæ йын ничи ницы бафæрæзта, йæ дзыхы йын уидон ничи бакодта. Паддзах иттæг смæсты ис æмæ йæхæдæг йæхи рауæлдай кодта худинаг фæуыны бæсты: сфæнд ыл кодта йæхæдæг сбадын.
Зæлдаг синаг йæ астæуыл æрбаста, йæхæдæг бæхмæ хъазгæ-худгæ хæстæг бацыдис æмæ йæм уыцы иу цæрдæг гæпп бакодта æмæ йе ’фцæджы йæхи ацауыгъта. Бæх ныххуыррытт кодта æмæ уæларвмæ фæхаудис. Паддзах дæр фæфидар ис йæ бæрзæйыл æмæ нæ рахаудта.
Бæх дыккаг хатт йæхи фехста уæларвмæ, фæлæ паддзах ноджы фæфидар. Æртыккаг хатт фесхъиудта бæх, фæлæ паддзах ноджы фæфидар.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0