Стырдӕр гуырахст: Хуссар Ирӕй нылластой гуманитарон ӕххуыс Донбасмӕ ирон хӕстонтӕн

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæГуманитарон ӕххуыс
Гуманитарон ӕххуыс  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 сен– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ацы хатт цы гуманитарон ӕххуыс арвыста ирон ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ архайынц Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийы, уый райста уӕрӕх гуырахст. Хицӕн адӕймӕгтӕй даддӕр сӕ хайбавӕрд бахастой ӕгас коллективтӕ, фехъусын кодта Sputnik акцийы организатортӕй иу, депутат Мулдарты Гарри.
Гуманитарон ӕххуыс фӕхӕццӕ кодтой парламенты депутаттӕ Остъаты Роберт, Къвезерты Арсен ӕмӕ Мулдарты Гарри.
"Фыццаг хатт куы цыдыстӕм, уӕд акцийы тыххӕй къаддӕр адӕм зыдтой, фӕлӕ ныр бирӕ адӕм бамбал сты. Симд рахицӕн кодта концерты фӕрӕзтӕ, Цхинвалы администраци ӕрӕмбырд кодта ӕхца, сабидӕтты коллективтӕ, ветеранты цӕдис", - ранымадта депутат.
Хӕстон архӕйдтыты зонӕмӕ депутаттӕ фӕхӕццӕ кодтой, цы нӕ фаг кӕны, ахӕм ӕрмӕг.
"Газы баллонтӕ, тенттӕ, дон, медикаменттӕ ӕмӕ стыр ӕмгъуыдимӕ хӕлцад. Ӕдӕппӕтӕй уӕз ис ӕртӕ хӕдтулгӕйыл. Ирон адӕм сӕ минӕвӕрттӕм куыд хорз кӕсынц, уый иннӕ хӕстонты дӕр ӕфтауы дисы", - бафтыдта депутат.
Мулдарты Гарри ма бафиппайдта, уыдон кӕй ӕрбынат кодтой ӕдас бынаты, уырдыгӕй ӕфсӕддонтӕ сӕ ӕххуысы гуырахст ласдзысты сӕхӕдӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0