Цӕгат Кавказмӕ интерес рӕзы: Дыгъуызты Зӕринӕ ацы сӕрды Уӕрӕсемӕ бӕлццӕтты гуылфӕны тыххӕй

© Sputnik / Denis Abramov /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстон, Дӕргъӕвс
Цӕгат Ирыстон, Дӕргъӕвс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Уӕрӕсемӕ туристон гуылфӕн маййӕ августы онг ахызт ивгъуыд аз ӕмӕ пандемийы агъоммӕ ӕзты бӕрӕггӕнӕнты сӕрты. Уый адыл бӕстӕмӕ ӕрцыд 25 милуанмӕ ӕввахс бӕлццоны, фехъусын кодта "Ростуризм"-ы сӕргълӕууӕг Дыгъуызты Зӕринӕ.
Сӕйраджыдӕр, банысан кодта уый, фаронмӕ абаргӕйӕ, дыууӕ хатты фӕфылдӕр ис цымыдис Цӕгат Кавказы баулӕфынмӕ.
"Сарӕзтам развӕлхау хатдзӕгтӕ бӕрзонд сӕрдыгон сезонӕн. Маййӕ августы онг бӕстӕйы баулӕфыдысты 25 милуанмӕ ӕввахс адӕймаджы, уый та у фылдӕр фарон ӕмӕ пандемийы агъоммӕ ӕзтӕй", - ныффыста Дыгъуызон мессенджеры Telegram.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, разӕй ис фӕззӕг ӕмӕ хӕххон къахдзоныгъон сезоны баконд, уымӕ гӕсгӕ турты уӕй ӕмӕ уазӕгдӕтты номыртӕ исыны хъуыддаг ацы рӕстӕджы фӕфылдӕр ис дыууӕ-ӕртӕ хатты.
Ног хабӕртты лентӕ
0