Цæгат Иры схъæлæс кодтой æвзарджыты 69,09%

© Photo : ГТРК "Алания"Цæгат Иры æвзæрстытæ
Цæгат Иры æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 сен - Sputnik. Парти "Единая Россия" æмбулы Цæгат Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты - протоколты 100% банымайгæйæ уый райста хъæлæсты 67,88%, хъусын кæны УФ Централон æвзарæн къамис.
ЦæК бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Иры схъæлæс кодтой æвзарджыты 69,09%.
"Единая Россия" - 67,88%. Уый фæстæ цæуы "Справедливая Россия – Патриоты – За правду" – 14,27%, КПРФ —12,35%, парти "Родина" – 2,26% æмæ ЛДПР — 1,57%", - дзырдæуы къамисы хъусинаджы протоколты 100% банымайыны фæстæ.
Цæгат Ирыстоны хъæлæсæппæрст цыд дыууæ боны дæргы, республикæйы цæрджытæ æвзæрстой æвдæм æрсидты депутатты.
Ног хабӕртты лентӕ
0