Уӕрӕсейаг тыхтӕ скуынӕг кодтой хӕстӕрмӕджыты украинӕйаг ӕфтауц Николаевы бынмӕ

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæУФ аэродром
УФ аэродром  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой УГТ ӕфтауц хӕстӕрмӕджыты 45 мин тоннӕимӕ спырх кӕныны тыххӕй Николаеваг областы цӕрӕн пункт Вознесенскы районы.
Уымӕй дарддӕр Николаеваг-Криворожскаг здӕхты Херсоны областы цӕрӕн пункттӕ Костромка ӕмӕ Белогоровкайы районы УФ уӕлдӕфон-космикон тыхты дырыс ракетӕтӕй фехстой 63-ӕм механизацигонд ӕмӕ 56-ӕм аэромобилон бригадӕтӕ.
Иу суткӕмӕ ацы здӕхты тохты фӕстиуӕгӕн Киев фесӕфта 300 мӕрдтӕй ӕмӕ 1000 онг та цӕфтӕй украинӕйаг ӕфсӕддоны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 293 хӕдтӕхӕджы, 153 вертолеты, 1938 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 374 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4891 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 831 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3379 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5499 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0