Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

3. Фæдисы арт

3. Фæдисы арт
Рафыссын
Изæрдалынгты Фæдисы хохы цъуппыл арт фæфиппайдта мæхъæлон Малсæгты Тепса. Сусæгæй, бинонтæ йæ куыннæ базыдтаиккой, афтæ бæх аифтыгъта, абадт ыл. Цыбырвæндæгтыл фескъæрдта удаистæй æмæ фæсæмбисæхсæв Урус-Мартанмæ бахæццæ ис. Ехсы хъæдæй йæ хæлар Дзæрæхохты Алхасты рудзынг бахоста.
- Фæдисы арт нæм сиды, цадæггай дзуры мæхъхъæлон.
Раздзог йæхæдæг бæхыл абадт, йе ᾿фсымæр Гæбайы хохы цъуппмæ сæрвыста. Фæдисы хохы цъуппыл арт суадзын кодта. Йæхæдæг хъæуи-хъæу зылдис, сусæгæй сидтис фæсивæдмæ.
Сусæг рафт-бафт та райдыдта Цæгат Кавказ. Фендзæни та урс паддзах, мæгуыр лæджы туг цæй аргъ у, уый.
Сауададжы ᾿рдæм бирæ фæндæгтæ цыд, иууылдæр сæ сæхгæдта Раздзог. Сæйраг æфсæддон фæндагыл Алæгаты Хæмæт æмæ цæцæйнаг Махмуды баурæдта хъахъхъæнæгæй.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0