Аххосаг – зынгæфтыд: УУМ кусджытæ хуыссын кæнынц цыппар ссыгъды

© Пресс-служба МЧС РЮОПожарные Южной Осетии
Пожарные Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен– Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны зынгфæдисонтæ хуыссын кæнынц цыппар зынгсирвæзты республикæйы, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгæсон службæйы.

"Иу къорд Цхинвалæй ацыд Знауыры районы Принеуы хъæуы арт хуыссын кæнынмæ, ноджы ма районæн йæхи зынгфæдисонтæ та кусынц Дидмухамæ хæстæг. Цхинвалы зынгфæдисонты фæйнæ къорды та кусынц Къусрет æмæ Эреды хъæуты зынгсирвæзттæ хуссын кæныныл", - загътой УУМ.

Уагдоны ма бафтыдтой, цыппар зынгсирвæзт дæр кæй æрцыдысты адæмæн сæхи аххосæй.
"Аххосаг у зынгæфтыд. Мах проблемæйы тыххæй фехъусын кодтам дыууæ районы мидхъуыддæгты управленитæм, цæмæй хъуыддагмæ хъусдард аздахой. Иу бынаты ахуыссын кæнæм æмæ аннæ ран сарт кæнынц", - бафтыдтой УУМ.
Ног хабӕртты лентӕ
0