Кремлы фехъусын кодтой, ныридӕгӕн Уӕрӕсейы мобилизацийы тыххӕй дзырд кӕй нӕ цӕуы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæМӕскуыйаг Кремль.
Мӕскуыйаг Кремль. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Уӕрӕсейы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков фехъусын кодта, бӕстӕйы мобилизацийы тыххӕй ныртӕккӕ дзырд кӕй нӕ цӕуы.
"Ныртӕккӕ уый тыххӕй дзырд нӕ цӕуы", - сдзуапп кодта Песков журналисты фарстӕн, зӕгъгӕ,уыдзӕн ӕви нӕ Уӕрӕсейы ӕххӕст мобилизаци, уый фӕдыл.
Уӕрӕсейы кӕй хъавынц расидын ӕппӕтадӕмон мобилизаци, уый фӕдыл дам-думтӕ цӕуынц сӕрмагонд операцийы райдианӕй фӕстӕмӕ.
Марты Уӕрӕсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта, Украинӕйы хӕслӕвӕрдтӕ кӕй скъуыддзаг кӕнынц профессионалон ӕфсӕддонтӕ, ӕмӕ фӕстауӕрцӕй резервисттӕм нӕ ӕрсиддзысты.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0