Ног программӕимӕ Хуссар Ирӕн фӕзындзӕн ног фадӕттӕ дӕр - Дмитрий Вольвач

© Sputnik / Natalia AiriyanДмитрий Вольвач
Дмитрий Вольвач - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Уӕрӕсейаг фарс ӕппынӕдзух мониторинг кӕны ӕмӕ йӕ хъус дары Инвестицион программӕйы объектты арӕзтадмӕ, уымӕ гӕсгӕ дзы къуыхцыдзинӕдтӕ нӕ вӕййы ӕмӕ нӕдӕр уыдзӕн, загъта УФ экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Дмитрий Вольвач йӕ интервьюйы Sputnik пресс-центры.
Дмитрий Вольвач ӕрцыд кусӕгон балцы Хуссар Ирыстонмӕ. Республикӕйы чиновник фембӕлд президент Гаглойты Аланимӕ, афтӕ ма хайад райста Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты кусӕгон рабадты. Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы министры хӕдивӕг радзырдта республикӕйӕн йӕхи экономикӕйы рӕзты тыххӕй, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн паддзахадон нывӕзты реализацийы, афтӕ ма Инвестпрограммӕйы объектты тыххӕй.
"Мах федтам цалдӕр объекты, мӕ коллегӕтӕ ноджы цалдӕр боны дӕргъы бабӕрӕг кӕндзысты ӕндӕр объекттӕ дӕр. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ, райгондӕй баззадыстӕм куыстыты цыдӕй. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ куыстытӕ фӕстейӕ кӕм зайынц, уым та коллегӕтимӕ бӕрӕг кӕнӕм фӕстиӕтты аххосӕгтӕ: ӕрмӕг фӕзынаргъдӕр ис, ӕви планкӕнынады ӕмӕ реализцийы исты рӕдыдтытӕ ӕрцыд, уый", - загъта Вольвач.
Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы нывӕзты фӕлгӕтты куыст цӕуы стабилонӕй, фӕтиуӕгджынӕй, ӕмӕ ног программӕйы сфидаримӕ та фӕзындзысты ног фадӕттӕ дӕр.
Хуссар Иры экономикӕ ӕмӕ Инвестпрограммӕ: УФ экономикӕйы министры хӕдивӕг Sputnik-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2022
Хуссар Иры экономикӕ ӕмӕ Инвестпрограммӕ: УФ экономикӕйы министры хӕдивӕг Sputnik-ы
Ног хабӕртты лентӕ
0