Хуссар Иры президент раарфӕ кодта Дмитрий Медведевӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн

© Sputnik / Юлия Зырянова /  Ахизын медиабанкмæДмитрий Медведев
Дмитрий Медведев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы сӕрдары хӕдивӕг Дмитрий Медведевӕн йӕ райгуырӕн боны фӕдыл.
"Хуссар Ирыстоны никуы ферох кӕндзысты, нӕ зӕххыл сабырад, ныфс сомбонӕй, республикӕйы ӕхсӕнадӕмон банымад - уыдон иууылдӕр кӕй ӕрцыдысты 2008 азы дӕ хъысмӕтхӕссӕг скъуыддзаджы фӕрцы", - дзырдӕуы арфӕйы телы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд президенты сайтыл.
Гаглойты Алан равдыста ныфс, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы цы хӕларадон ӕмӕ инетеграцион ахастытӕ ӕрбиноныг сты комкоммӕдӕр Медведевы хайбавӕрдӕй, уыдон дарддӕр дӕр кӕй рӕздзысты.
Президенты цӕст бауарзта Ӕдасдзинады советы сӕрдары хӕдивӕгӕн фидар ӕнӕниздзинад, фӕрныгад ӕмӕ паддзахадон архайды ӕнӕфӕугӕ энерги.
Ног хабӕртты лентӕ
0