Хуссар Иры УФ скондмӕ бакӕныны фӕдыл референдумыл ныртӕккӕ дзырд нӕ цӕуы - Уӕрӕсейы ФХМ

© Пресс-служба президента РЮО Anton TaybareyРХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ
РХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны УФ скондмӕ бакӕныны фӕдыл референдум ныртӕккӕ нӕй боны фӕткы, конкретон ӕнхъарӕнтӕ куы ӕрбавдыстӕуа, уӕд сӕ сахуыр кӕндзысты Мӕскуыйы, загъта йӕ интервьюйы РИА Новости Уӕрӕейы ФХМ ХПЦ бӕстӕты цыппӕрӕм департаменты директор Денис Гончар.
"Хуссарирыстойнаг адӕм хъуамӕ ӕрцӕуой фидар националон консенсусмӕ Уӕрӕсейы Федерациимӕ арфдӕр интеграцийы юридикон формӕтӕ ӕмӕ темпты фӕдыл. Кӕд ӕрбавдисой конкретон ӕнхъарӕнтӕ, уӕд сӕм Мӕскуыйы ӕркӕсдзысты паддзахадон уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ныртӕккӕ референдумы фарст боны фӕткы нӕ лӕууы", - бахахх кодта Гончар.
Уæрæсеимæ баиу кæныны фæдыл референдум снысан кæныны барамынд 13 майы бафыста раздæры президент Бибылты Анатолий. Документмæ гæсгæ, плебисцит хъуамæ ацыдаид 17 июлы. Бардзырд аивта ныры президент Гаглойты Алан, кӕцы бахӕс кодта бахæс кодта ауадзын консультацитæ Мæскуыимæ ацы фарсты фæдыл. Консультацитæ ацыдысты июны æмбисы Мæскуыйы, хайад дзы райстой УФ президенты администраци, Æдасдзинады Советы, Федерацийы Советы, ФХМ æмæ Экономикæйы министрады минæвæрттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0