Хуссар Ирыстоны ӕрдз ацы аз баххӕст уыдзӕн дӕс мин талайӕ

Талабӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik. Дӕс мин талайӕ ацы аз баххӕст уыдзӕн Хуссар Ирыстоны ӕрдз, уыдонӕн се 'мбис ныридӕгӕн ӕрцыд сагъд. Уый тыххӕй фехъусын кодта йӕ пресс-конференцийы мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты Хъӕды хӕдзарады управленийы хистӕры хӕдивӕг Къӕбулты Батрадз.
"Хъӕды хӕдзарад Ростовӕй райсы талатӕ, афтӕ ма нын бӕлӕстӕ радта экологион организаци "Зеленая Алания". Ӕнӕмӕнг хъӕуы ноджы баххӕст кӕнын бӕласӕй Цхинвал-Ленингоры трассӕ, уымӕн ӕмӕ бӕлас фӕндаггӕрон хизы лӕбырдтӕй зӕххы. Баххӕсткӕнинаг у Тулдзы къох дӕр, уым сыл схӕцыд низ ӕмӕ сӕ бахъуыд ракалын", - загъта уый.
Къӕбулты Батрадз ма бафтыдта, Хъӕды хӕдзарадӕн кӕй ис йӕхи питомник, уым дӕр хъомыл кӕнынц талатӕ.
"Питомник кусы ныр аст азы, ныссагътам дзы мохъо ӕмӕ ӕнгуз", - бафтыдта уый.
© Sputnik / Natalia AiriyanХъӕды хӕдзарады управленийы хистӕры хӕдивӕг Къӕбулты Батрадз.
Батрадз Кабулов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2022
Хъӕды хӕдзарады управленийы хистӕры хӕдивӕг Къӕбулты Батрадз.
Управленийы хистӕры хӕдивӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг хатт Хуссар Ирыстоны хъӕдты бынтӕ сахуыр кодтой 1982 азы. Уӕды бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ республикӕйы ис 18 милуан кубометры хъӕд, уыдонӕй ӕрмӕст цыппар уыд калинаг.
Хъӕды хӕдзарады дӕлхайад ацы аз дӕр куырдиӕттӕм гӕсгӕ рахицӕн кодта 1700 мин кубометры сугӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0