Паддзæхты таурæгътæ. Макъедон Александр

Паддзæхты таурæгътæ
Рафыссын
Макъедон Александр ахæм паддзах уыд, æмæ-иу лæгæн йæ сæры урсытæ куы фæзынд, уæд-иу æй марын кодта.
Иу лæппуйæн йæ фыды зачъеты урсытæ фæзынд. Уæд уый йæ фыды фервæзын кæнын сфæнд кодта. Уый тыххæй марды чырын скодта æмæ йæ змисæй байдзаг кодта, йæ сæр ын æрæхгæдта æмæ загъта Макъедон Александрæн: — Мæ фыды сæры урсытæ фæзынд, æмæ йæ де ’гъдаумæ гæсгæ амардтон æмæ йæ бавæрдтон.
Уæд ын Макъедон Александр раарфæ кодта æмæ йын загъта: — Бузныг дæ дæн, мæ зæгъын дын кæй нæ бахъуыд æмæ дæ паддзахы бæсты æгъдау кæй сæххæст кодтай, уымæй.
Йæхæдæг та уыцы лæппу йæ фыды маргæ нæ акодта, фæлæ йын скодта зæххы бын цæрæн. Афтæмæй йæ фыд уым цард: йæ хæринаг дæр уым æмæ йæ æндæр дæр — уым.
Уæд иу бон куы уыди, уæд Макъедон Александр фæхъæр кодта йæ адæмыл: — Хорз кард æмæ хорз топп мачи равзарæд, хорз бæх та фæстейæ мачи ныууадзæд!
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0