Спецоперацийы фарс балӕугӕйӕ Хуссар Ир ӕмӕ Абхаз равдыстой сӕ иузӕрдиондзинад - УФ ФХМ

© Sputnik / Виктор АнтонюкУӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik. Уӕрӕсейы сӕмагонд ӕфсӕддон операцийы фарс балӕугӕйӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз равдыстой сӕ иузӕрдиондзинад хӕларадон ахастытыл, загъта йӕ интервьюйы РИА Новости Уӕрӕсейы ФХМ ХПЦ бӕстӕты цыппӕрӕм департаменты директор Денис Гончар.
"Нӕ бӕстӕты ӕмцӕдисон ахастыты ирд дӕнцӕг ссис, Сухум ӕмӕ Цхинвал кӕй балӕууыдысты Украинӕйы Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фарс, уый, афтӕ ма Донбассы цӕрджытӕн гуманитарон ӕххуыс кӕй ӕрвитынц, уыцы хъуыддаг", - загъта уый.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0