Уӕрӕсейы авиаци скуынӕг кодта ДАР 250 онг украинӕйаг ӕфсӕддоны - хъахъхъӕнынады министрад

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы уӕлдӕфон тыхты ахуыртӕ
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон тыхты ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik. Уӕрӕсейы авиаци иу суткӕмӕ скуынӕг кодта Донецкаг адӕмон республикӕйы хицӕн районты 250 онг украинӕйаг ӕфсӕддоны ӕмӕ техникӕйы 20-ӕй фылдӕр иуӕджы.
"Уӕрӕсейы авиацийы дырыс ракетӕты фехсттӕй Украинӕйаг гарзджын тыхты дӕлхайӕдты рӕстӕгмӕ дислокацийы пункттӕ ӕмӕ хӕстон позицитӕ ӕрцыдысты пырх ДАР цӕрӕн пункттӕ Северск, Верхнекаменское, Никольское, Авдеевка, Новокалиново, Петровское, Новоселка ӕмӕ Времевкайы. Фӕмард сты 250 онг украинӕйаг ӕфсӕддоны ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон техникӕйы 20-ӕй фылдӕр иуӕджы", - дзырдӕуы Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады хъусинаджы.
Афтӕ ма иу суткӕмӕ УФ ӕфсад ӕрӕппӕрста цыппар украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, баллистикон ракетӕ "Точка-У", залпон ӕхсты реактивон системӕйы 33 гарзӕджы, се хсӕн авд - "Ольха" ӕмӕ 26 та - "HIMARS".
Авиаци ма скуынӕг кодта Украинӕйы уӕлдӕфон тыхты вертолет Ми-8, йӕ уӕлӕ уыд диверсион-разӕсгарӕн къорд, афтӕмӕй.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 293 хӕдтӕхӕджы, 155 вертолеты, 1948 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 374 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4921 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 835 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3386 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5552 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0