Ӕнӕзонд ныхӕстӕ: ФХМ сӕргълӕууӕг Гуырдзыйы референдумы тыххӕй дыккаг фронт бакӕныны фӕдыл

© Sputnik / Александр НатрускинХуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар Гуырдзыстоны куырдиӕттӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ "дыккаг фронт" бакӕныны тыххӕй референдум ауадзыны фӕдыл схуыдта абсурдон ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, "ахӕм ныхӕстӕ рӕгъмӕ хӕссын дӕр нӕ хъӕуы".
Гуырдзыстоны къухдариуӕгад Уӕрӕсейы ныхмӕ "дыккаг фронт" бакӕныны тыххӕй Украинӕйы ӕрсидты фӕстӕ цӕттӕ у референдум ауадзынмӕ, цӕмӕй базоной адӕмы хъуыды ацы фарсты фӕдыл, загъта гуырдзиаг телеканалы эфиры парти "Грузинская мечта"-йы сӕрдар Ираклий Кобахидзе.
"Хуссар Ирыстон ис йӕ тратегион партнер Уӕрӕсейы Федерацийы фидар хъахъхъӕнынады бын. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй Уӕрӕсей ӕмӕ Хуссар Иры хсӕн бафыст ӕрцыд дыууӕварсон бадзырд, кӕцымӕ гӕсгӕ республикӕйы территорийыл уӕвы уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ. УФ куыд бӕрджын хӕлар, куыд ӕдасдзинад гарант, ӕппӕтбӕрцӕй ӕххӕст кӕны йӕхимӕ райсгӕ хӕстӕ. Уыдӕттӕ хынцгӕйӕ мах нӕ уынӕм ницы тӕссагдзинад", - завгъта министр ПТРК "Ир"-ы эфиры.
Джиоты Ӕхсар банысан кодта, ахӕм куырдиӕттӕ иумӕйагӕй сисгӕйӕ ӕппӕрццагӕй кӕй ӕндавынц регионы стабилондзинадыл ӕмӕ ӕрсидт Гуырдзыстонмӕ "бӕрнджындӕр ахаст дарын ахӕм контексты хъусынгӕнинӕгтӕм".
Ног хабӕртты лентӕ
0