Гаглойты Алан: хъӕды ресурстӕ сты ӕнӕниздзинад ӕмӕ экологион ӕдасдзинады хӕзнадон

© Sputnik / Natalia AiriyanХъӕды
Хъӕды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта хъӕды хӕдзарады кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн. Уый банысан кодта, ацы къабазы фӕллойгӕнджытӕ кӕй хӕссынц стыр хайбавӕрд республикӕйы фидӕнмӕ.

"Хъӕды ресурстӕ канд бӕстӕйы экономикон райрӕзты ахсджиаг хай не сты, фӕлӕ ма ӕнӕниздзинад ӕмӕ экологион ӕдасдзинады хӕзнадон дӕр. Ног садзӕггӕгтӕн уавӕртӕ аразгӕйӕ, нӕ хъӕдтӕ хъахъхъӕнгӕйӕ сымах хӕссут стыр хайбавӕрд ХУссар Ирыстоны фидӕнмӕ", - дзырдӕуы президенты арфӕйы Хъӕды хӕдзарады кусӕджы боны цытӕн.

Гаглойты Алан бузныг загъта хъӕды къабазы кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн куыстмӕ бӕрнон ахаст ӕмӕ дӕсниадыл иузӕрдиондзинады тыххӕй.
Уый равдыста ныфс, сӕ аудгӕ архайды фӕрцы республикӕйы хъӕды фонд кӕндзӕн фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ рахиздзӕн ног гъӕдджындӕр ӕмвӕзадмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0