Кусдзыстӕм ӕнгомӕй: Ӕлборты Алан бузныг загъта депутаттӕн се 'ууӕнчы тыххӕй

© SputnikӔлборты Алан бузныг загъта депутаттӕн се 'ууӕнчы тыххӕй
Ӕлборты Алан бузныг загъта депутаттӕн се 'ууӕнчы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты ног сӕргълӕууӕг Ӕлборты Алан бузныг загъта йӕ коллегӕтӕн се 'ууӕнчы тыххӕй.
Ӕлборты Алан цыппӕрӕмы ӕвзӕрст ӕрцыд парламенты спикерӕй сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуӕгӕн. Уымӕй дарддӕр ма бюллетеньмӕ хаст ӕрцыд хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты хистӕр Бибылты Ацӕмӕзы кандидатурӕ.
"Дзырд уын дӕттын, цы фракцитӕ ӕмӕ партиты интерестӕ хъахъхъӕнут, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, мах кусдзыстӕм иумӕ ӕнгомӕй", - загъта уый.
Депутаттӕ дӕр раарфӕ кодтой ног спикерӕй йӕ равзӕрсты фӕдыл. Депутат Санахъоты Дауыт банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕппӕт проблемон фарстытыл, сӕ нымӕцы паддзахадон арӕны фӕдыл парламентон байхъуысттӕ, уынаффӕтӕ ист кӕй хъуамӕ ӕрцӕуой кӕронмӕ.
Абон раздӕры спикер Тадтаты Алан сибар ӕцыд йӕ бынатӕй. Уый ахӕм скъуыддзаг рахаста йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ.
Ӕлборты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2022
Хуссар Иры парламенты сӕргъ слӕууыд парти "Ныхас"-ӕй депутат Ӕлборты Алан
Ног хабӕртты лентӕ
0