Цхинвалы райдыдтой Республикæйы боны цытæн парады репетицитӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanПарады
Парады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цхинвалы Театралон фæзуаты райдыдта парады репетици, кæцы нывонд у Республикæйы бонæн.
Цытджын мадзал ацæудзæн дыццæджы, 20 сентябры.
Театралон фӕзуатыл рацӕудзысты Хъахъхъӕнынады, Мидхъуыддӕгты, Уӕлвӕткон уавӕрты ӕмӕ Юстицийы министрӕдты парадон къордтӕ, стӕй ма Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы федералон ӕдасдзинады службӕйы арӕнгӕрон хайады кусджытӕ.
Парады репетицитæ цæудзысты æртæ боны. Фæстаг, генералон, ацæудзæн сабаты.
20 сентябыры 1990 азы Адӕмон депутаты совет рахаста уынаффӕмӕ Хуссар Ирыстоны автономон областы статус скӕнын Хуссар Ирыстоны Демократон Республикикӕмӕ Советон цӕдисы сконды. Ацы къахдзӕф уыд фыццаг хӕдбардзинадмӕ фӕндагыл. 20 сентябырь та ссис сӕйраг паддзахадон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу.
Ног хабӕртты лентӕ
0