УФ хъахъхъӕнынады министрад радзырдта УГТ зиӕнтты тыххӕй Николаеваг ӕмӕ Херсоны областты

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУФ Гарзджын тыхтӕ
УФ Гарзджын тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсады интенсивон ӕхсты фӕстиуӕгӕн Украинӕ фесӕфта Николаеваг ӕмӕ Херсоны областты 500 онг службӕгӕнӕджы зиӕнттӕй ӕмӕ цӕфтӕй.
"Фехстыты фӕстиуӕгӕн УГТ 24-ӕм ӕмӕ 28-ӕм механизацигонд бригадӕтӕ фесӕфтой 500 онг ӕфсӕддоны цӕфтӕй ӕмӕ мӕрдтӕй, атфӕ ма ӕфсӕддон техникӕйы 40 иуӕджы", - загътой хъахъхъӕнынады министрады.
Уыгдоны ма радзырдтой, иу суткӕмӕ УФ ӕфсад ӕрӕппӕрста 12 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, дыууӕ баллистикон ракетӕ "Точка-У", залпон ӕхсты реактивон системӕтӕ "Ольха" ӕмӕ "HIMARS" гарзӕгтӕ.
Оперативон-тактикон ӕмӕ ӕфсӕддон авиацийы ӕхстыты фӕстиуӕгӕн ма скуынӕг кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты авд фӕткдаруатон пункты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 293 хӕдтӕхӕджы, 155 вертолеты, 1960 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 374 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4934 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 835 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3386 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 55602 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0