Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

5. Сауадаг

5. Сауадаг
Рафыссын
Нæ фæнымæг ис топпы гæрах, йæ туджы мæцыд уæддæр Кавказ. Чугуевмæ йæм хъуыстис халассæр хæхты æгомыг хъæрзын, ныдзæвыдис йе ᾿мбудæнтыл сыгъды смаг.
Топпы гæрах æмæ карды дзæхст-дзæхст цыд, цыма, æдзух йæ хъустыл Темырболатæн. Йæ бон нал уыд Чугуевы уланты полчы службæ кæнын. Фыстæг фыстæджы фæстæ æрвыста йæ кадджын мадыфсымæр Куындыхаты Муссæмæ, лæгъстæ йын кодта: дæ бон бирæ у, цыбыр æмгъуыдмæ мæ уæддæр ссæрибар кæн ацы "ингæнæй" зæгъгæ йæм фыста.
Æрæджиау æм йæ мидбылты фæхудтис хъысмæт. Терчы облæсты хицау инæлар-лейтенант Лорис-Меликовы къухфыст кæуыл уыдис, ахæм гæххæтт æрцыд Чугуевмæ. Корнет Мамсыраты Темырболаты сæр йæ райгуырæн бæстæйы хъæуы, зæгъгæ, фыста хицау.
Базыдта йæ: гæххæттыл Лорис-Меликов фыста йæ къух, фæлæ уый йæ мадыфсымæр Муссæйы тых уыд æмæ йæ зæрдæ цинæй байдзаг. Цыдис ныр. Йæ быны чысыл кæсгон бæх тæссармæ сиргæ цыд.
Аргъауы æфсургъау тахтысты посты дилижансы бæхтæ Чугуевæй Ростовмæ, фæлæ нæ быхста зæрдæ. Уырдыгæй Кавказмæ хъазахъхъы æфсæдон хай цыд. Кæдæм цыдысты хъазахъхъ, цы агуырдтой Кавказы?
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0