Эрмитаж ӕртӕ бонмӕ "фӕуазӕг" уыдзӕн Цӕгат Ирмӕ

© Sputnik / Б.Манушин /  Ахизын медиабанкмæСармӕтты браслет
Сармӕтты браслет - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон Эрмитаж ӕртӕ боны ӕмгъуыдмӕ ӕрцӕудзӕн Цӕгат Ирыстонмӕ. Мадзал арӕзт цӕуы Аланийы дзуарӕфтыд райсын1100 азы цытӕн мадзӕлтты фӕлгӕтты, фехъусын кодта Sputnik музейы генералон директор Михаил Пиотровский.
Паддзахадон Эрмитажы бонтӕ нысан сты 23-28 сентябрьмӕ.
"Эрмитажы боны фӕлгӕтты мах радзурдзыстӕм музей тыххӕй, равдисдзстӕм цалдӕр реликви алайнаг паддзахады историйӕ, кӕцытӕ сты Эрмитажы, куыд алайнаг мигӕнӕнтӕ. Стӕй цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц мастер-класстӕ згъӕры реставрацийы фӕдыл ӕмӕ лекцитӕ "Зӕлдаг фӕндаг"-ы тыххӕй, Хъобайнаг культурӕйы тыххӕй. ",- загъта генералон директор.
Уый банысан кодта, ацы бонты фенӕн уыдзӕн цымыдисаг ӕрмӕг кӕцы ссардӕуыд Аланийы территориыл.
"Уыдзӕн авгӕй конд нуазӕн, кӕцыйы мидӕг сызгъӕрин сыфтимӕ, кӕцы арӕзт ӕрцыд ЕгипетыIII-II ӕнусты,ссардӕуыд Мӕздӕджы обауы. Уыдзӕн сӕрмӕтты уӕлмӕрды цы ӕвзист ирайнаг кубок ссардӕуыд. Уыймӕй дарддӕр ма уыдзӕн дыууӕ алайнаг митрополиты печатьтӕ. Ацы экспонатты алыварс уыдзӕн лекцитӕ дӕр",- бафтыдта уый.
Уый ма бафтыдта, декабры та фӕнд кӕнынц ауадзын Эримтажы Цӕгат Ирыстоны музейтимӕ иумӕ экпозици Сокровища Аланского царства".
Ног хабӕртты лентӕ
0