Хуссар Иры æппæт скъолаты ацæудзæн паддзахадон символты тыххæй иумæйаг урок

© Sputnik / Наталья АйриянМитинг "День мужества и единства"
Митинг День мужества и единства  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны къуырисæры, 19 сентябры æппæт скъолаты ацæудзæн паддзахадон символты тыххæй иумæйаг урок, фехъусын кодтой Sputnik Ахуырады министрады.
Республикӕйы националон символ ссис хуссарирыстойнаг паддзахады сӕрибардзинадыл тохы нысан 1989 азы.

"Ӕппæт скъолаты ацæудзæн паддзахадон символты фæдыл уроктæ, ахуыргæнæн уагдæтты схæсдзысты паддзахадон тырысатыл", - загътой уагдоны.

Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт банысан кодтой 2013 азы, фæлæ националон символ ссис 1989 азæй фæстæмæ. 1990 азы ноябры республикæйы парламент сфидар кодта ирон триколор, куыд паддзахаддзинады символ.
Ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбатырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0