Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

6. Даргъвæндагæй Сауададжы уæхсчыты онг

6. Даргъвæндагæй Сауададжы уæхсчыты онг
Рафыссын
Сыгъдис æмæ сыгъдис фæдисы рагъыл арт. Сидтис тохмæ, сисын та кодта Скæсæн Кавказæн хæцæнгарз. Æхсæвы тарф фынæй кæуыл бафтыд, уымæн Раздзоджы фæдисонтæ йæ рудзынг хостой. Ирæй йемæ чи рацыд, уыдоны йæ фæдыл акодта Раздзог. Сунжæйы цæугæдоныбыл сиу сты. Судзгæ цырæгътæ æхсæвы талынджы, хъæндилтау, æрттывтой.
Фæндагыл хъарагъултæ баурæдта Раздзог æмæ сын бафæдзæхста: Сауадагæй ацырдæм чи цæуа хуымæтæджы бæлццæттæй, уымæн йæ фæндаг уæрæх. Ардыгæй уыцырдæм чи фæцæйцæуа, уый урæд æрцæуæд.
Сауададжы Раздзог кæй сæхгæдта, уый айрох ис Хæмæтæй. Темырболат æмæ йæ фыды зæронд цухъхъа цы чызг скодта, уый ма лæууыд йæ зæрдыл. Махмуд йæ фæрсты скъæрдта æмæ йæ разæй цыд, Фуркийау дымгæ-бæхыл чи бадт, уыцы чызджы фæлгонц.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0