ХИПУ ауагътой видеоконференци Алеппойы паддзахадон университетимӕ

© Фатима ПлиеваХИПУ ауагътой видеохид Алеппойы паддзахадон университетимӕ
ХИПУ ауагътой видеохид Алеппойы паддзахадон университетимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд ӕхсӕнадӕмон студентон видеоконференци "Южная Осетия - Россия- Сирия: вместе к миру". Мадзал нывонд уыд Республикӕйы бонӕн.
Хуссар Ирыстонӕй конференцийы хайад райстой ХИПУ проректор Цхуырбаты Инна, ректоры ӕххуысгӕнджытӕ Тедеты Азӕмӕт ӕмӕ Мамиты Бэла. Видеохиды форматы уыдон ныхас кодтой Алеппойы паддзахадон университеты студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнӕнджытимӕ.
ХИПУ-йы цыппӕрӕм курсы студенткӕ бакаст доклад Республикӕйы боны фӕдыл. Уый уӕрӕх анализ скодта канд бӕрӕгбонӕн нӕ, фӕлӕ ма республикӕ расидыны размӕ цы къахдзӕфтӕ уыд, уыдӕттыл.
© Фатима ПлиеваХИПУ ауагътой видеохид Алеппойы паддзахадон университетимӕ
Видеоконференция Южная Осетия-Россия-Сирия: вместе к миру в ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2022
ХИПУ ауагътой видеохид Алеппойы паддзахадон университетимӕ
Сирийы минӕвӕрттӕ раарфӕ кодтой Хуссар Ирыстоны адӕмӕн бӕрӕгбоны фӕдыл. Стӕй ма радзырдтой ирон адӕмы хайбавӕрды тыххӕй Сирийы паддзахады размӕцыды ивгъуыд ӕнусы 60-ӕм ӕзты. Бузныджы ныхӕстӕ ма загътой ирон ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ службӕ кӕнынц цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы ӕмӕ архайдтой Сирийы сӕрмагонд операцийы.
Мадзалы кӕрон ХИПУ студенттӕ равдыстой ныфс, ӕмгуыстад дарддӕр кӕй цӕудзӕн Сириимӕ ӕнгомдӕрӕй.
"Нырма уал ацы фӕзуатыл махӕн нӕ бон у ӕмбӕлын. Фидӕны ХИПУ фӕнд кӕны саразын бадзырдтӕ Дамаск ӕмӕ Алеппойы университеттимӕ. Мах та цӕттӕ стӕм иумӕйаг зонадон, спортивон мадзӕлтты архайынмӕ", - загъта студенттӕй иу Алан.
Сирийаг республикӕ ссис фӕндзӕм паддзахад, кӕцы банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ паддзахады хсӕн фӕзынд ӕнгомдӕр ахастытӕ. Дыууӕ сирийаг студенты ахуыр фесты ХИПУ-йы.
Уæрæсейы Федерацийы Советы агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2022
Уæрæсейы Федерацийы Советы ацæудзæн ХИПУ презентаци - ректор
Ног хабӕртты лентӕ
0