Разӕсгарӕг радзырдта, цӕмӕй ӕххуыс кӕны Ныгуылӕн украинӕйаг ӕфсадӕн

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæУкраинӕйаг ӕфсӕддоны дарӕс
Украинӕйаг ӕфсӕддоны дарӕс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Уӕрӕсейаг Гарзджын тыхты разӕсгӕрсты дӕлхайады ӕфсӕддон "Ладан" сидӕнимӕ радзырдта РИА Новости, украинӕйаг ӕфсадмӕ кӕй ис тынг бирӕ ныгуылӕйнаг электроникӕ. медикаменттӕ, хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕлцадон продукттӕ.
"Уыдонмӕ серьезон ӕххуыс цӕуы Ныгуылӕнӕй, бирӕ цыдӕртӕ сӕм ласынц - электроникӕ, медикаменттӕ, продукттӕ, хорз срӕвдз кодтой уыцы хъуыддаг", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый трофейты хуызы ницы исы.
"Иу хатт сӕмбӕлдыстӕӕ: хуыссыд "Джавелин: (танкӕты ныхмӕ америкӕйаг ракетӕйон комплекс), ӕмӕ лӕппу фӕлвӕрдта йӕ сисын. Йӕ быны та уыд "сюрприз". Уый адыл лӕппу фӕмард ис. Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын, цӕмӕй мацӕмӕ ӕвналон. Афтӕ та дзы арӕх фенын ныгуылӕйнаг хӕцӕнгӕрзтӕ", - радзырдта агентады ныхасӕмбал.
Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой Очаковмæ хæстæг Украинайы спецоперациты центры штаб - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2022
Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой Очаковмæ хæстæг Украинайы спецоперациты центры штаб
Уӕрӕсе амӕй размӕ арвыста НАТО-йы бӕстӕтӕм нотӕ Украинӕмӕ хӕцӕнгарзы баластты тыххӕй. ФХМ сӕргълӕууӕг Сергей Лавров фехъусын кодта, зӕгъгӕ, цыфӕнды уӕзтӕ дӕр, цы ран ис хӕцӕнгарз Украинӕйӕн, уыдзысты Уӕрӕсейӕн законон нысан. Афтӕ ма уагдоны бахахх кодтой, Украинӕйы хӕцӕнгарзӕй ифтонг кӕнгӕйӕ Нато кӕй "хъазы зынгимӕ".
Ног хабӕртты лентӕ
0