Сыгъдӕгдзинад, ӕхсар ӕмӕ фӕрныгад: Хуссар Ирыстоны тырыса

Рафыссын
19 сентябры Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц Паддзахадон тырысайы бон. Бӕрӕгбонӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2013 азы.
Хуссар Ирыстоны тырысайӕ пайда кӕнын райдыдтой 1989 азӕй фӕстӕмӕ. фыццаг хатт уый фыст ӕрцыд Конституцийы, кӕцы ист ӕрцыд 1990 азы 26 ноябры, уый фӕстӕ та 1992 азы 13 январы Паддзахадон символы хуызы фидар ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы фӕдыл законмӕ гӕсгӕ.
Триколоры хуызты нысаниуӕг ӕмӕ йӕ историйы тыххӕй бӕстондӕрӕй - Sputnik видеойы.
Ног хабӕртты лентӕ
0