https://sputnik-ossetia.com/20220919/tskhinvaly-akhuyrdzautan-radzyrdtoy-paddzakhadon-simvolikayy-tykhkhay-tyrysayy-bonma-18971431.html
Цхинвалы ахуырдзаутӕн Тырысайы бон радзырдтой паддзахадон символикӕйы тыххӕй
Цхинвалы ахуырдзаутӕн Тырысайы бон радзырдтой паддзахадон символикӕйы тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы банысан кодтой Паддзахадон тырысайы бон. Зарджытӕ, кӕфтытӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ раныхастӕ се... 19.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-19T13:25+0300
2022-09-19T13:25+0300
2022-09-19T13:37+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/13/18969839_0:31:1280:751_1920x0_80_0_0_218cd623f69ca132de0c08e840b40947.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы банысан кодтой Паддзахадон тырысайы бон. Зарджытӕ, кӕфтытӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ раныхастӕ се 'ппӕт дӕр абон нывонд сты национ ӕртӕхуызонӕн.Мадзал райдыдта хӕххон кафтӕй, сӕххӕст ӕй кодтой ахуырадон уагдоны кафты ансамбль. Скъолайы дыккаг уӕладзыджы ӕрӕмбырд сты ахуырдзаутӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, сывӕллӕттӕ сӕххӕст кодтой ирон тырысайӕн нывонд зарджытӕ, ӕрдзырдтой йӕ ратӕдзӕнтӕ ӕмӕ куыд фидар цыд, уыдӕттыл.Скъолайы директор Гобозты Русудан зӕрдыл ӕрлӕууын кодта тырысайы фӕзынды истори ӕмӕ бафиппайдта, абон ахуырадон уагдоны кӕй ацыдысты уроктӕ геральдикайы фӕдыл.Цытджын ралӕуды фӕстӕ ахуырадон уагдоны кӕрты ацыд паддзахадон тырысайыл схӕцыдыны церемони.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/13/18969839_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_51421534d9ff6036a1f91fd500cf1a0d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы ахуырдзаутӕн Тырысайы бон радзырдтой паддзахадон символикӕйы тыххӕй
13:25 19.09.2022 (Ранӕуӕггонд: 13:37 19.09.2022) ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы банысан кодтой Паддзахадон тырысайы бон. Зарджытӕ, кӕфтытӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ раныхастӕ се 'ппӕт дӕр абон нывонд сты национ ӕртӕхуызонӕн.
Мадзал райдыдта хӕххон кафтӕй, сӕххӕст ӕй кодтой ахуырадон уагдоны кафты ансамбль. Скъолайы дыккаг уӕладзыджы ӕрӕмбырд сты ахуырдзаутӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, сывӕллӕттӕ сӕххӕст кодтой ирон тырысайӕн нывонд зарджытӕ, ӕрдзырдтой йӕ ратӕдзӕнтӕ ӕмӕ куыд фидар цыд, уыдӕттыл.
Скъолайы директор Гобозты Русудан зӕрдыл ӕрлӕууын кодта тырысайы фӕзынды истори ӕмӕ бафиппайдта, абон ахуырадон уагдоны кӕй ацыдысты уроктӕ геральдикайы фӕдыл.
"Арфӕ уын кӕнын бӕрӕгбоны цытӕн. Уадз ӕмӕ нӕ республикӕ рӕза, размӕ цӕуа. Сымах та рӕзут сабыр арвы бын ӕмӕ сӕрыстыр ут, алайнаг тырысайы бын кӕй схъомыл стут", - загъта уый.
Цытджын ралӕуды фӕстӕ ахуырадон уагдоны кӕрты ацыд паддзахадон тырысайыл схӕцыдыны церемони.