https://sputnik-ossetia.com/20220919/tskhinvaly-tsentry-atsyd-iron-tyrysayyl-khrdm-skhtsyny-tsytdzhyn-tseremoni-18976318.html
Цхинвалы центры ацыд ирон тырысайыл хæрдмæ схæцыны цытджын церемони
Цхинвалы центры ацыд ирон тырысайыл хæрдмæ схæцыны цытджын церемони
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цхинвалы Театралон фæзуаты ацыд Хуссар Ирыстоны тырысайыл хæрдмæ схæцыны цытджын церемони. Мадзал нывонд уыд... 19.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-19T15:45+0300
2022-09-19T15:45+0300
2022-09-19T15:45+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цхинвал
бæрæгбон
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/13/18974151_0:180:1920:1260_1920x0_80_0_0_7095bb7dceba8d7606c840e3cb2889d4.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цхинвалы Театралон фæзуаты ацыд Хуссар Ирыстоны тырысайыл хæрдмæ схæцыны цытджын церемони. Мадзал нывонд уыд бæрæгбонæн - 19 сентябры республикæйы нысан кæнынц Паддзахадон тырысайы бон.Бæрæгбонмæ æрбацæуджытæн раарфæ кодта президент Гаглойты Алан. Уый банысан кодта, хуссарирыстойнаг адӕмы тохы символ урс-сырх-бур ӕртӕхуыз кӕй ссис 1989 азы - национ хиӕмбарынады райхъалы рӕстӕджы.Гаглойты Алан зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ирон тырыса ӕппӕт уыцы ӕзты кӕй разӕнгард кодта фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты уӕлахизтӕм, ӕрбангом кодта ӕппӕт ирон адӕмы сӕ барты сӕрыл тохы, разӕнгард кодта фӕллойгӕнджыты, интеллигенцийы, спортсменты ног бӕрзӕндтӕм.Президенты раныхасы фӕстӕ цытджын хъарагъулы ротӕ рахаста ирон тырыса ӕмӕ йыл схӕцыд Театралон фӕзуаты сӕрмӕ.Мадзал адарддӕр ис чысыл концертӕй, ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ралӕууыд ансамбль "Амонд", афтӕ ма цхинвайлаг гимназ "Альбион"-ы ахуырдзаутӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/13/18974151_0:0:1920:1440_1920x0_80_0_0_63bf33a457b46e48dc8555bc8e1455a8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвал, бæрæгбон
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвал, бæрæгбон
Цхинвалы центры ацыд ирон тырысайыл хæрдмæ схæцыны цытджын церемони
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цхинвалы Театралон фæзуаты ацыд Хуссар Ирыстоны тырысайыл хæрдмæ схæцыны цытджын церемони. Мадзал нывонд уыд бæрæгбонæн - 19 сентябры республикæйы нысан кæнынц Паддзахадон тырысайы бон.
Бæрæгбонмæ æрбацæуджытæн раарфæ кодта президент Гаглойты Алан. Уый банысан кодта, хуссарирыстойнаг адӕмы тохы символ урс-сырх-бур ӕртӕхуыз кӕй ссис 1989 азы - национ хиӕмбарынады райхъалы рӕстӕджы.
"Национ символикӕ сфидар кӕнын уыд нӕ адӕмы хиидентификацийы формӕтӕй иу, гуырдзыстойнаг нацистон къухдариуӕгад цы ӕбуалгъ гӕдыныхӕстӕ парахат кодта ӕнӕхъӕн дунейы ирон адӕмы ныхмӕ йæ агресси сраст кӕныны оххыл, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ", - дзырдӕуы арфӕйы.
Гаглойты Алан зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ирон тырыса ӕппӕт уыцы ӕзты кӕй разӕнгард кодта фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты уӕлахизтӕм, ӕрбангом кодта ӕппӕт ирон адӕмы сӕ барты сӕрыл тохы, разӕнгард кодта фӕллойгӕнджыты, интеллигенцийы, спортсменты ног бӕрзӕндтӕм.
Президенты раныхасы фӕстӕ цытджын хъарагъулы ротӕ рахаста ирон тырыса ӕмӕ йыл схӕцыд Театралон фӕзуаты сӕрмӕ.
Мадзал адарддӕр ис чысыл концертӕй, ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ралӕууыд ансамбль "Амонд", афтӕ ма цхинвайлаг гимназ "Альбион"-ы ахуырдзаутӕ.