Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры ныннымӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы" бастдзинады системӕ

© Минобороны РоссииУӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры ныннымӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы" бастдзинады системӕ
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры ныннымӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы бастдзинады системӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Уӕрӕсейаг 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы радиоэлектронон тохы дӕлхайӕдтӕ Хуссар Ирыстоны ныннымӕг кодтой дзырдгонд ныхмӕлӕууӕджы бастдзинады радиохӕтӕлтӕ нырыккон комплекс "Борисоглебск-2"-ы ӕххуысӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.
"Специалисттӕ райтыгътой радиоцӕлхдурты станц,ӕрӕмбырд кодтой разӕсгӕрстон информаци ӕмӕ йын анализ сарӕзтой ӕмӕ ныннымӕг кодтой дзырдгонд ныхмӕлӕууӕджы бастдзинады системӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Радиоцӕлхдурты сырӕзт фӕахъаз ис знаджы разӕсгӕрст уадзыны эффективондзинад ӕрныллӕг кӕнынӕн, афтӕ ма службӕгӕнджыты ӕрбабырсттӕй бахъахъхъӕнынӕн.
Тренировкӕты хайад райстой Хуссар ӕфсӕддон зылды 80-йӕ фылдӕр ӕфсӕддоны, архайдтой дзы нырыккон техникӕйы 15 иуӕджы бӕрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0