32 азы размӕ райсгӕ скъуыддзаг бындур ӕрӕвӕрдта РХИ паддзахаддзинадӕн - минӕварад

© Sputnik / Зара ВалиеваХуссар Иры минӕварад Уӕрӕсейы
Хуссар Иры минӕварад Уӕрӕсейы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы республикӕйы бындурӕвӕрды 32-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл арвыста куырдиӕттӕ УФ акредитацигонд ӕппӕт дипломатон мисситӕм, афтӕ ма Швейцарийы минӕварады цур Гуырдзыстоны интересты секцимӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны дипмиссийы пресс-службӕ.
Сидты банысангонд ӕрцыд, 20 сентябрь кӕй у нысаниуӕгджын датӕ ирон адӕмы историйы.
"32 азы размӕ райсгӕ скъуыддзаг бындур ӕрӕвӕрдта РХИ паддзахаддзинадӕн. Абон Республикӕ Хуссар Ирыстон у хӕдбар паддзахад, кӕцы аразы йӕ политикӕ ӕхсӕнадӕмон барады принциптыл, адӕмты хсӕн хӕлардзинады бындурыл, афтӕ ма йӕ адӕмы сабырадон райрӕзты ӕмӕ регионы стабилондзинад бахъахъхъӕныны сӕраппонд", - дзырдӕуы релизы.
1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар-Ирыстойнаг советон демократон республикӕйы сырӕзт Советон Цӕдисы сконды. Ацы бон республикӕ сарӕзта йӕ фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.
Сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд бирæазон тох фæцис 2008 азы, уæд Тбилисы радон ӕфсӕддон авантюрæйы фæстиуæгæн Уæрæсе банымадта Хуссар Иры хæдбардзинад. Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой ноджы цалдæр бæстæйы, уыдон нымæцы — Венесуэла, Никарагуа, Науру ӕмӕ Сири.
 Владимир Путин. Архивон къам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.09.2022
Дарддӕр дӕр алыварсон ӕххуыс кӕндзыстӕм Хуссар Иры ӕфсымӕрон адӕмӕн - Путин
Ног хабӕртты лентӕ
0