Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

7. Сауадагæй Дзæуджыхъæумæ. Архъанæй ахст парламентер

7. Сауадагæй Дзæуджыхъæумæ. Архъанæй ахст парламентер
Рафыссын
Фидиуæг æрбахæццæ ис Дзæуджыхъæумæ. Мæлдзгуыты губакк фестад Терчы облæсты хицауы къæнцылар. Тыхст змæлд кодтой стырæй-чысылæй. Æрмæст инæлар-лейтенант Лорис-Меликовæн нæ сæфти йе ᾿вæлмас хуыз. Дуармæ ныццавта йæ цæстытæ. Гъеныры хуызæн æй никуы фæндыд Муссæйы фенын, уый уæддæр никуыма зынд.
Бруты куыйты рæйын æрбайхъуыст. Зæрондæй-нæуæгæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй кодтой згъоргæ. Цæхахст æмæ хъарæг схæццæ сты. Темырболат æмæ Хæмæт æргæпп кодтой сæ бæхтæй æмæ фистæгæй адæмы размæ ауадысты. Дзæуджыхъæуæй хъазахъ Раздзоджы хæдзармæ балæбурдтой, Раздзоджы чындз æмæ сабиты кæнынц семæ, Темырболаты дæр сбастой. Ныххостой хъазахъ сæ бæхты, уацайрæгты сæ разæй ассыдтой.
Зарæйы ничиуал федта. Темырболат куы фæхъæр кодта Хæмæтмæ, лидз Сауадагмæ, зæгъгæ, уæд цыдæр фæцис.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0