ЛАР ӕмӕ ДАР снысан кодтой Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдумы датӕтӕ

© Photo : Официальный сайт города Сухум ЛАР ӕмӕ ДАР тырысатӕ
ЛАР ӕмӕ ДАР  тырысатӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕты сӕргълӕуджытӕ снысан кодтой Уӕрӕсейы скондмӕ бацыды фӕдыл референдумы датӕтӕ.
Дыццӕджы ДАР-ы сӕргълӕууӕг Денис Пушилин фехъусын кодта, кӕй сцайдагъ кодта куыст Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдум ауадзыны тыххӕй.

"Знон аскъуыддзаг кодтон, цӕмӕй цӕттӕ кӕнын райдайӕм Донецкы Адӕмон республикӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл ауадзӕм референдум", - хъусын кӕны Пушилины ныхӕстӕ РИА Новости.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарсты фӕдыл референдум ацӕудзӕн ДАР-ы 23-ӕй 27 сентябрьмӕ.
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2022
Донбассы трагеди ӕркодта Уӕрӕсейы сӕрмагонд операци райдайынмӕ – Владимир Путин
Ӕнгӕс процесстӕ цӕуынц Луганскы Адӕмон республикӕйы дӕр. Паддзахады къухдариуӕггӕнӕг Леонид Пасечник сфидар кодта закон "О референдуме Луганской Народной Республики по вопросу вхождения в состав Российской Федерации".
Законы текст мыхуыр ӕрцыд республикӕйы сӕргълӕууӕджы сайтыл.
ЛАР-ы Адӕмон советы хистӕр Денис Мирошниченко йӕ Telegram-каналы фехъусын кодта, хъӕлӕсӕппӕрст кӕй райдайдзӕн 23 сентябры ӕмӕ ахсӕдзӕн фондз боны.
"Уӕрӕсейы скондмӕ хицӕн субъекты хуызы бацӕуыны фӕдыл референдум ацӕудзӕн 23-ӕй 27 сентябрьмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
ЛАР ӕмӕ ДАР-ы ӕхсӕнадон советтӕ къуырисӕры сарӕзтой ныстуан республикӕты сӕргълӕуджытӕм УФ скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдумтӕ ауадзыны тыххӕй.
Уӕрӕсе 24 февралӕй фӕстӕмӕ уадзы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы денацификаци ӕмӕ демилитаризацийы фӕдыл. Владимир Путин ын йӕ нысан схуыдта "аст азы дӕргъы ӕфхӕрд цы адӕм цыдысты Украинайы рдыгӕй, уыдон бахъахъхъӕнын".
Ног хабӕртты лентӕ
0