Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

8. Кæм уыдис райдиан, кæм уыдис кæрон

8. Кæм уыдис райдиан, кæм уыдис кæрон
Рафыссын
Хæмæтæн йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ сбастой, Темырболатæн æрмæстдæр йæ къухтæ, афтæмæй йæ сæвæрдтой саргъыл. Цомианæн алидзынæй нæ тарстысты æмæ йæ нæ бабастой, сабиты сæ фæсарц сæвæрдтой хъазахъæгтæ.
Æрхæндæгæй хъуыдыгæнгæйæ, цæуы Темырболат… хъуыдытæ та ногæй ахастой Темырболаты Бетырбухы кадетты корпусмæ. Йæ хъустыл ауайынц Астаховы ныхæстæ: "Хæдхæцæг паддзах туджы зæйы бын фæкодта Кавказы адæмты… Æцæг Уæрæсей Кавказаг адæмты ᾿вварс у. фæлæ æцæг Уæрæсейыл хъадамантæ æвæд ис. Нæ интеллигенцийæ паддзахы фарс чи нæ рахæцы, уый кæнæ Сыбырмæ ахæссы, кæнæ та йæ Кавказы хæстмæ арвиты. Рох дæ ма уæд, паддзахæн уырыссаг музуккаг æмæ кавказаг хохагæй хъауджыдæр кæй нæй. Иуæчн дæр æмæ иннæмæн дæр йæ туг нуазыныл нæ ауæрды".
Уæд Астаховы ныхæстыл арф ныхъхъуыды кæнын фадат нæ уыд Темрболатæн. Ныр ын фæстийæ сæ уыцы салдаттæ æрымысын кодтой ногæй Астаховы ныхæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0