Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

10. Кæуыл кæуы Сауададжы дон. Брут

10. Кæуыл кæуы Сауададжы дон. Брут
Рафыссын
Æрчъицыдта Иван Орлов. Зынæй байгом сты йæ цæстытæ. Уыны йæ сæрмæ арвы къусыл, туджы æртахау, спырх сты стъалытæ. Бæстæ цавæрдæр мæрдон сабыр ныцци. Сауададжы нарæг фæзилæны фæныхæй-ныхмæ хохагимæ. Кæрæдзимæ кардæй лæбурынтæ систой… Æмæ ныр сæ дыууæ дæр, дæларм-уæларм хæцгæйæ хуыссынц дыууæ адджын æрдхордау. Ныр бамбæрста Орлов йæ царды фæстаг минуттæ кæй æрхæццæ сты.
Уæдæ цæмæн æрцыдтæн цы агурын ацы дзæгъæл комы? Загътой мын: "Туземецтæ паддзахы хъыг дарынц, паддзах та нæ фыд у æмæ йæ бахизын хъæуы". Æмæ кæд паддзах нæ фыд у, уæд алкæмæ иухуызон цæстæй цæмæннæ кæсы? Цæмæннæ баххуыс кæны мæ мæгуыр тыхст мадæн йæ уынгæджыбон? Æз цагъар дæн, мæ туг кæлы, зæхх та помещикы у. Мæнмæ дзы, æгæр-мæгуыр ингæны фаг дæр не ᾿рхауди. Мæхуызæн мæгуыртæн сæхи фаг дæр куы нæ у…
Згъоры Саууададжы дон цæссыгкалгæ… Кæуы, фæлæ кæуыл? Хохагыл æви Орловыл? Æвæццæгæн сæ дыууæйыл дæр… Дæларм-уæларм Сауададжы былыл æнусон фынæй баисты дыууæ мæгуыр хъазайраджы. Раст цыма, райсом хур куы скæса, уæд, дыууæ æрдхордау, кæрæдзийы хъæбысы райхъал уыдзысты, уыйау.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0