Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

11. XII. ДЫУУÆ ИНÆЛАРЫ

11. XII. ДЫУУÆ ИНÆЛАРЫ
Рафыссын
Афæстаг рæстæджы ахæм хъуыддаг нал æрцыд Кавказы. Зыдта йæ инæлар-лейтенант Лорис-Меликов: хицау ын йæ къух нæ райстаид уый тыххæй. Капитан Золотаревы къæнцылары уыры хуыдта Лорис-Меликов, фæлæ раст дзырдта уый: рæдийы, афтæ чи дзуры, имам Шамил басаст æмæ Кавказы хæст фæцис, зæгъгæ. Туманов Алыксандр зæндджын лæг уыд, фæлæ йæм ацы фарстыл уыимæ дзурын æппындæр нæ цыд.
Куындыхаты Муссæ? Уый ныхмæ йæхи цæттæ дардта, æмæ, фембæлгæйæ, сæ ныхас цæуыл банцадаид, уымæн ницыма зыдта.
Хæрзæвзонг ма куы уыд, уæд Туркимæ хæцыдысты. Трапезунды горæты сæрмæ топпыхосы фæздæг мигъау ныббадт. Араббаг факир йæ тæскъ йе уæхскыл сæвæрдта, афтæмæй ралли-балли кодта, мæлдзгуыты губаккау чи схъомпал, уыцы горæты уынгты. Егъау калм хуыссыд йæ тæсчъы мидæг тымбылтæй. Факир хилæджы систа тæскъæй, йæ цонгыл æй æртыхта бæндæнау, йæ къубал ын æрбалхъывта йæ хус æнгуылдзтæй.
Стæй йæ хæдон раласта факир, калмы йæ астæуыл æрбатыхта æвзист ронау æмæ йæ фæстæмæ скодта. Хилæг хæдоны æфцæгготæй сдардта йæ тъæпæн сæр æмæ йæ хицауы хурсыгъд дæллагхъуырыл узæлыд...
Уыцы цау æрбалæууыд цæмæндæр йæ зæрдыл, Муссæйыл хъуыдыгæнгæйæ. Разындзæн æм, факиры бæрц бархъомыс? Бауыдзæн йæ бон йе тары мидæг æвæрд калм скоммæгæс кæнын?
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0