13 фӕмардуӕвӕджы - Ижевскы скъолайы ӕрцыд ӕхст

© Sputnik / Сергей Кузнецов /  Ахизын медиабанкмæСтрельба в школе Ижевска
Стрельба в школе Ижевска - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Ижевскы 88-ӕм скъолайы къуырисӕры ӕрцыд ӕхст, съоладзаутӕй авд фӕмард сты, хъусын кӕны РИА Новости УФ СК информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фыдракӕнды амӕттаг баисты 13 адӕймаджы, уыдонӕй авд сты ӕнахъомтӕ. Фӕцӕф сты 14 сывӕллоны ӕмӕ авд хистӕр кары адӕймаджы", - загътой уагдоны ӕмӕ банысан кодтой, дарддӕр кӕй сгарынц фӕмардуӕвджытӕ ӕмӕ цӕфты фӕдыл информаци.
Слестгӕнӕн комитеты ма фехъусын кодтой, фыдгӕнӕг кӕй амардта йӕхи.
"Йӕ уӕлӕ уыд сау хӕдон нацистон символикӕимӕ ӕмӕ гамхуд. Документтӕ йемӕ ницы уыд, йӕ ном ӕмӕ мыггаг ныридӕгӕн бӕрмг цӕуынц", - банысан кодтой уагдоны.
Ижевскы скъолайы фехсты фӕдыл слестгӕнджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг. Слестгӕнӕн комитеты сӕрдар Александр Бастыркины хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, хъуыддаг сгардзӕн уагдоны централон аппарат.
Ног хабӕртты лентӕ
0