Хуссар Ир алыварсонӕй ис ДАР ӕмӕ ЛАР референдумты фарс - Гаглойты Алан

© Пресс-служба президента РЮОРХИ президент Гаглойты Алан
РХИ президент Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ адӕм алыварсонӕй дӕр лӕууы Донецкаг ӕмӕ Луганскаг адӕмон республикӕтӕ, Запорожаг ӕмӕ Херсоны областтӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл референдумты фарс. Уый тыххӕй дзырдӕуы президент Гаглойты Аланы куырдиаты, кӕцы мыхуыр ӕрцыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл.
"Афтӕ ма мах стӕм регионы уагъдцӕуӕг сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фарс. Уыдон сты иунӕг раст къахдзӕфтӕ сӕвзӕргӕ ӕхсӕнадӕмон политикон уавӕры, кӕцытӕ здӕхт сты массон тугкалд ӕрлӕууын кӕнынмӕ, бирӕазон дискриминаци ӕмӕ адӕймаджы бартӕ халыны цаутӕ ӕруромынмӕ, НАТО-йы ӕфсӕддон инфраструктурӕ Уӕрӕсейы арӕнтӕм ӕввахс айтындзын ма руадзынмӕ. Регионы сабырад ӕрбиноныг кӕнын у тынг вазыгджын хъуыддаг, фӕлӕ мӕ ныфс ис, уый кӕй ӕрцӕудзӕн", - дзырдӕуы куырдиаты.
Гаглойты Алан ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон дӕр кӕй рацыд дӕргъвӕтин, уӕззай ӕмӕ хъайтарон фӕндӕгтыл йӕ сибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадмӕ агрессивон, националистон Гуырдзыстонӕй. Абон Уӕрӕсейы Федерацийы ӕххуысы фӕрцы Хуссар Ирыстоны адӕм сты сӕрибар ӕмӕ амайынц сӕ сабыр фидӕн. Республикӕй фидарӕй цӕуы Уӕрӕсеимӕ интеграцийы фӕндагыл.
"Интеграцийы кӕройнаг къахдзӕфыл мах нымайӕм Уӕрӕсейы скондмӕ бахызт. Фӕлӕ уыцы къахдзӕф махӕн нӕ бон нӕй иуварсонӕй аксъуыддзаг кӕнын. Райсгӕ ӕхсӕнадӕмон хӕсты фӕлгӕтты мах уадзӕм Уӕрӕсеимӕ ӕмных ӕддагон политикӕ", - бахахх кодта президент.
Ног хабӕртты лентӕ
0