Хуссар Иры делегацийы нæ бауагътой ОБСЕ рабадты хайад райсын Варшавайы

© Sputnik / Сергей Аверин /  Ахизын медиабанкмæОБСЕ
ОБСЕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ ацы аз хайад нæ расдзысты ОБСЕ рабадты, кæцы ацæудзæн Варшавайы 26 сентябрæй 7 октябрьмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы ФХМ пресс-службæ.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй ацы аз форумы организатортæ рахастой æнæххæстгæнæн домæнтæ Хуссар Ирыстоны делегаттæн регистрацийы рæстæджы. Польшайы официалон хицауад блок кодта алы фадат дæр сæ территоримæ бацæуынæн.
"Уый фæстиуæгæн, алцыдæр арæзт æрцыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны æнæхицауадон оганизациты минæвæрттæн фадат ма уа хайад райсын рабадтыл æмæ фæхæццæ кæнынц дунейы æхъсæнадмæ объективон информаци", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны ФХМ нымайынц ацы цаутæ куыд дискриминацион мадзæлттæ республикæйы минæвæртты ныхмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0