Цхинвайлаг боксер рамбылдта ӕмтохӕдты фестиваль Санкт-Петербурджы

© Из архива тренера Владислава ХаситыДжиоты Вадим (галиуӕрдыгӕй)
Джиоты Вадим (галиуӕрдыгӕй) - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр уӕзы боксер Джиоты Вадим рамбылдта ӕмтохӕдты фестиваль Санкт-Петербурджы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Хаситы Владислав.
Ерыстӕ цыдысты Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы 24-25 сентябры.

"Вадим ссис уӕлахиздзау иууыл стырдӕр уӕзы категорийы. Ис ын стыр спортивон фидӕн, нырма йын йӕ ном арӕх хъусдзыстӕм", - загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Джиоты Вадим октябры та стох кӕндзӕн ӕхсӕнадӕмон турниры Уӕрӕсейы. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгӕнинаджы цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Хаситы Владислав ӕмӕ Санахъоты Аслан.
Куыд йӕ кары иууыл цӕттӕдӕр ӕмӕ курдиатджындӕр боксер, афтӕ йӕ райстой Санкт-Петербурджы спортивон ахуыргӕнӕндон "Олимпийские надежды"-мӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0