Уӕрӕсейы 11 аэропорты ногӕй адарддӕр кодтой атахтытыл арӕнӕвӕрдты режим

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæХӕдтӕхӕг
Хӕдтӕхӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен – Sputnik. "Росавиаци" адарддӕр кодта атахтытыл арӕнӕвӕрдты режим Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ централон хӕйтты 11 аэропорты 4 октябры онг.
"Атахтытыл арӕнӕвӕрдты режим Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ централон хӕйтты 11 аэропорты адарддӕр уыдзӕн 4 октябры онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Рӕстӕгмӕ арӕнӕвӕрдтӕ ӕххӕссынц Анапӕ, Белгород, Брянск, Воронеж, Геленджик, Краснодар, Курск, Липецк, Ростов-на-Дону, Симферополь ӕмӕ Элистайы аэропорттӕм батахтытыл
Уӕрӕсейы аннӕ аэропорттӕ кусынц штатон режимы. Аэропорттӕм атахтытыл арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой 24 февралӕй фӕстӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0