Уӕрӕсейы расидгӕ мобилизаци нӕ бандӕвта Хуссар Ирыстоныл - хъахъхъӕнынады министрад

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрад
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы расидгӕ мобилизаци нӕ бандӕвта Хуссар Ирыстоныл. Уымӕй дарддӕр республикӕйы нӕ хъавынц ауадзын мобилизацион здӕхты мадзӕлттӕ ӕмӕ иумӕйагӕй сисгӕйӕ мобилизаци, хъусын кӕны РХИ хъахъхъӕнынады министрад.
Уагдоны банысан кодтой, Тelegram-каналтæй иуы информаци, ома уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы минæвæрттæ зилынц хæдзæрттыл æмæ дæттынц Цхинвалы цæрджытæн повесткæтæн, цæмæй сæ арвитой Украинæмæ, раст нæу.
"Цыппæрæм æфсæддон базæ ис Хуссар Ирыстоны УФ æмæ РХИ хсæн иугонд æфæсддон базæйы фæыдл бадзырды бындурыл. Ныры нормативон-барадон базæйы фæлгæтты хъахъхъæнынадон уагдæтты хсæн повесткæтæ дæттыны фарст нæ лæууы", - загътой пресс-службæйы.
Уæрæсейы 21 ентябрæй расидтысты хайон мобилизаци, фæлæ Хуссар Ирыстонмæ уый нæ хауы. Афтæ ма Хуссар Ирыстоны нæ нывæндынц мобилизацион здæхты мадзæлттæ", - банысан кодтой Хъахъхъæнынады министрады.
Мобилизацигонд гоймæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Мобилизацигонд гоймæгты уæвынады æмгъуыд сæрмагонд операцийы зонæйы бæлвырдгонд нæу
Ног хабӕртты лентӕ
0