Уæрæсейы æфсад иу суткæмæ æрыппæрстой HIMARS æмæ "Ольха"-йы 10 сармадзаны Украинæйы

© Sputnik / Сергей Степанов /  Ахизын медиабанкмæHIMARS
HIMARS - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Ивгъуыд суткæйы дæргъы скуынæг кодтой HIMARS æмæ "Ольха"-йы 10 сармадзаны Херсоны областы æмæ Луганскаг адæмон республикæйы. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон авиаци Донецкаг адæмон республикæйы Селидово цæрæн пункты районы скуынæг кодтой Украинæйы уæлдæфон тыхты Су-24", - бафтыдтой уагдоны.
Уымæй дарддæр, иу суткæмæ фехстой Украинæйы Гарзджын тыхты хæстæрмæджытæ æмæ ракетон-артиллерион хæцæнгарзы æртæ æфтауцы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 302 хӕдтӕхӕджы, 155 вертолеты, 2087 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 377 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5114 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 845 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3417 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5904 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0