https://sputnik-ossetia.com/20220927/ddagbston-tykhgndzhytim-tokhy-taurgt-ksgon-ldar-inal-khaytykhy-fyrt-sar-aslnbeg-19088796.html
Æддагбæстон тыхгæнджытимæ тохы таурæгътæ. Кæсгон æлдар Инал. Хъайтыхъы-фырт Сар-Аслæнбег
Æддагбæстон тыхгæнджытимæ тохы таурæгътæ. Кæсгон æлдар Инал. Хъайтыхъы-фырт Сар-Аслæнбег
Sputnik Хуссар Ирыстон
Инал йæ иунæг фырты емцег радта ирон лæгмæ. Лæппу куы сыстыр и, уæд æм адæм хатын байдыдтой: — Цом, быдыр иу хатт фен уæддæрЛæппу рацыди, æмæ æрлæууыдысты иу... 27.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-27T16:50+0300
2022-09-27T16:50+0300
2022-09-27T16:50+0300
радио иронау
ирон таурæгътæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1b/19088637_79:0:2084:1128_1920x0_80_0_0_c84f1167fedbdf6be3e0078fb5452545.png
Æддагбæстон тыхгæнджытимæ тохы таурæгътæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Æддагбæстон тыхгæнджытимæ тохы таурæгътæ
Инал йæ иунæг фырты емцег радта ирон лæгмæ. Лæппу куы сыстыр и, уæд æм адæм хатын байдыдтой: — Цом, быдыр иу хатт фен уæддæрЛæппу рацыди, æмæ æрлæууыдысты иу былыл. Бынæй зынди хъæу, æмæ йæм кастысты. Уæд лæппуйы иу лæг фæрсы: — Ацы комы дзаг дæ хорздзинадæй цы хъæуы? Лæппу загъта: — Уæ хуыздæрты сæртæ уын куы ралыг кæнин æмæ сæ ацы ком куы байдзаг кæнин, гъе уый мæ хъæуы хорздзинадæй.Уæд æм ирон лæг фæмæсты æмæ йын йæ мадæн иу ныссидти. Лæппу уыцы æлгъыст йæ зæрдыл бадардта. Иу бон æлдар Инал йæ фырты абæрæг кодта. Йæ фырты фæрсы: — Куыд у, дзæбæх дын сты æви? — О, фæлæ мын иу лæг мæ мады ралгъыста. — Ницы кæны, хæрд æмæ уал нозт нæхирдыгæй фæуой, стæй сын æй æз бахатдзынæн, — загъта Инал æмæ ацыд Кæсæгмæ.Иу бон Инал иу æмбалимæ æрбахызт Иры зæхмæ, йæ фырт кæм уыд, уыцы хъæугæрон æрæнцад. Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1b/19088637_406:0:1910:1128_1920x0_80_0_0_470dc871ce3668eb90afeaf606626730.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
Инал йæ иунæг фырты емцег радта ирон лæгмæ. Лæппу куы сыстыр и, уæд æм адæм хатын байдыдтой: — Цом, быдыр иу хатт фен уæддæрЛæппу рацыди, æмæ æрлæууыдысты иу былыл.
Бынæй зынди хъæу, æмæ йæм кастысты. Уæд лæппуйы иу лæг фæрсы: — Ацы комы дзаг дæ хорздзинадæй цы хъæуы? Лæппу загъта: — Уæ хуыздæрты сæртæ уын куы ралыг кæнин æмæ сæ ацы ком куы байдзаг кæнин, гъе уый мæ хъæуы хорздзинадæй.
Уæд æм ирон лæг фæмæсты æмæ йын йæ мадæн иу ныссидти. Лæппу уыцы æлгъыст йæ зæрдыл бадардта. Иу бон æлдар Инал йæ фырты абæрæг кодта. Йæ фырты фæрсы: — Куыд у, дзæбæх дын сты æви? — О, фæлæ мын иу лæг мæ мады ралгъыста. — Ницы кæны, хæрд æмæ уал нозт нæхирдыгæй фæуой, стæй сын æй æз бахатдзынæн, — загъта Инал æмæ ацыд Кæсæгмæ.
Иу бон Инал иу æмбалимæ æрбахызт Иры зæхмæ, йæ фырт кæм уыд, уыцы хъæугæрон æрæнцад.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.