Италиаг Новафельтрияйы ныссагътой назы талатæ, кæцытæ æрластой Беслæнæй

© pixabay / PezibearНаз
Наз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik. Италийы Новафельтрия горæты ныссагътой назы талатæ, кæцытæ æрласта Беслæнæй италиаг делегаци, кæцы бабæрæг кодта Цæгат Ирыстон Беслæны трагедийы афæдзыбон. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны ФХМ пресс-службæ.
Акци ацыд экологион фестивалы фæлгæтты, кæцы размæ кæны проект "Сады Мира".
Хуссар Ирыстоны ФХМ минæвар Италийы Мауро Мурджа банысан кодта, фыццаг бæлас ацы ран кæй уыд японаг хурма, кæцы исы бындур зайæгойтæй, кæцытæ фервæзтысты Нагасакийы бомбардировкæйы рæстæджы.
Назы талатæ радтой террористон актты амæттæгты Ассоциаци "Беслæны Мæдтæ" Сан-Маринойæ флейтисткæ Моника Моронийæн, кæцы делегацийы сконды хайад райста Беслæны трагедийы 18-æм афæдзыбоны фæдыл мысæн мадзæлтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0